Чи хуыздæр у
Дзæуджыхъæуы цæуы профессионалон дæсныйады чемпионат, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы студентты хсæн. Схуыдтой йæ «Абилимпикс». Цæгат Ирыстоны цæуы 2-аг хатт. Йæ аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм ерыстæ фæсивæдæн хорз ахъаз сты. Фадат сын вæййы куыст ссарынæн. Фидæны специалисттæн ма цымыдисаг уымæн сты æмæ дзы райсынц ног зонындзинæдтæ. Байхъусæм нæ уацхæсджытæм. Цыфæнды механизмтимæ Ярослав Евсюков æнцонтæй архайы. Автомеханикыл сахуыр кодта. Иннæты æмхуызон ахуыр кæны, кусы, йæ фæлтæрддзинад фылдæр кæны. Фыццаг бакастæй иннæтæй ницæмæй хицæн кæны. Ис æм æрмæстдæр иу хицæндзинад – 1-аг хуызы сæкæрниз. Фæлæ æрыгон лæппуйы уый дæр нæ уромы. Йæ дæсныйад зæрдæйæ равзæрста æмæ йыл йæ зæрдæ нæ ивы. Ныридæгæн дæр Ярослав цыфæнды машинæ хайгай æнцонтæй равзардзæн æмæ сцалцæг кæндзæн. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыст тынг уарзы. Чемпионаты архайынмæ зæрдиагæй сразы ис. Чемпионаты архайæг Ярослав Евсюков: «Фыццаджыдæр мын ацы ерысты мæ фæлтæрддзинадыл хуыздæр бакусдзынæн. фылдæр зонындзинæдтæ райсынæн. Иннæтæм кæсгæйæ, бирæ цыдæр ногдзинæдтæ базондзынæн. Æз та уарзын ног исты фенын, базонын. Стæй дзы мæ куысты спайда кæнын». Йе нæниздзинад хъыгдар кæмæн у, уыдоны ‘хсæн профессоналон дæсныйады чемпионат республикæйы 2-аг хатт сарæзтой. Ацы аз егъаудæр æмæ стырдæн у - зæгъынц йæ аразджытæ. Уыимæ канд архайджытæ фылдæр нæ кæнынц, фæлæ ма цы дæсныйæдты сæхи фæлварынц, уыдон дæр. Ацы аз конкурсмæ ссыд 50 адæймаджы. Сæхи фæлварынц алы дæсныйæдты, ам сæ компетенцитæ хонынц. Сты 10. Се хсæн хилдасджытæ, хуыйджытæ, механиктæ, дзулфыцджытæ, хæринаггæнджытæ, ирон чъиритæ фыцджытæ æмæ æндæртæ. Алы ахуыргæнæндоны командæты уæнгтæ æвдисынц цæуыл сахуыр сты, уый. Фылдæр компетенциты чи рамбулы, уый уæлахиздзауыл банымайдзысты. Чемпионат бабæрæг кодтой министрадты минæвæрттæ дæр. Федтой ерыстæ куыд цæуынц, уый, аныхас кодтой архайджытимæ æмæ эксперттимæ. Хорз ма уый у æмæ дæсныйадæвдисæг ерысты фæлгæты фæсивæдæн аразынц сæрмагонд ахуыртæ æмæ семинартæ. Фæлтæрдджын специалисттæ сын сæ зонындзинæдтæ не вгъау кæнынц. Ерыстæ аразæг Алыккаты Алан: «Нæ зæрдæ дарæм æмæ йæ нæ хæсыл нымайæм конкурсы архайджытæн, уæлдайдæр та уæлахиздзаутæн куыст куыд ссарæм, уый. Чемпионаты сæйраг нысан дæр ерыс нæу, фæлæ фæсивæд сæхиуыл куыд баууæндой, ныфс сæ куыд бацæуа, ууыл бакусын». Чемпионат 2 боны цæудзæн. Фыццаг бон ерыс кодтой профессионалон техникумты студенттæ. Дыккаг бон та сæ арæхстдзинад скъоладзаутæ æвдисдзысты. Кæронбæттæн хатдзæгтæ та скæндзысты 27-æм сентябры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи хуыздæр у
Категория:
Новости и СМИ