Фæстаг фæндараст
Мæскуыйы абон фæстаг фæндараст загътой зындгонд журналист, 1-æм Каналы уацхæссæг Илья Костинæн. Йе `нусон бынат ссардта Мæскуыйы Троекураг уæлмæрды. Илья уыдис Ирыстоны хъæбул. Йæ фыццаг профессионалон къахдзæфæй дæр бæрæг уыд, стыр æмæ йæм цымыдисаг фидæн кæй хъуамæ æнхъæлмæ кастаид, уый. Йæ куысты фæдыл-иу кæцæй нæ ракаст, иу ахæм ран нал баззад. Йæ кæцыфæнды `рмæг дæр-иу Илья афтæ дæсны сарæзта, æмæ-иу æм адæймаг хъусынæй не `фсæст. Хъыгагæн, 39 азы йеддæмæ йыл нæ рацыд, афтæ йæ й` адзалы хин æрæййæфта. Фæлæ цы ирд фæд ныууагъта журналисты дæсныйады, уый цæрæнбонтæм фæндагамонæг уыдзæн ног фæлтæртæн. Чи йыл фæхъыг кодта, уыдоны `хсæн уыдис паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы директор Хъуысаты Тимур дæр. Иумæ кæимæ ахуыр кодта, йæ уыцы хæлары тыххæй абон уый дæр бахъуыд æрхæндæгæй дзурын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæстаг фæндараст
Категория:
Новости и СМИ