Зæрдæмæдзæугæ куыстытæ
Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театр йæхи цæттæ кæны 84-æм театралон сезонмæ. Ныртæккæ дзы сæ тæмæны сты цалцæггæнæн куыстытæ. Дыккаг уæладзыджы ивынц рудзгуытæ. Уыцы хъуыддаджы сæм фæкаст бæгæныфыцæн компаниты къорд «Бавари»-йы генералон директор Битарты Зелимхан. Куыстытæ райдыдтой 1-æм сентябры. Цалцæггæнджыты ныхæстæм гæсгæ, 15-æм октябрмæ фæуыдзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, аивадуарзджытæн театр йæ дуæрттæ байгом кæндзæн Хетæгкаты Къостайы гуырæн боны. Ирыстоны номдзыд хъæбулы райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 159 азы. Театрдзаутæн равдисдзысты спектакль «Фатимæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зæрдæмæдзæугæ куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ