Национ проектты архайынæн сараздзысты Проектон офис
Национ проектты архайынæн Дзæуджыхъæуы сараздзысты проектон офис. Алы къабæзты райрæзты фæдыл арæзт программæты, уыимæ ма муниципалон æмвæзадимæ баст чи у, ахæмты, бацархайын вæнд кæны нæгорæт дæр. Дзæуджыхъæу ахæм программæты фаг нæ архайы. Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбеджы ныхæстæм гæсгæ, ног проектон офисы минæвæрттæн фадат уыдзæн Цæгат Ирыстоны Хицауады æмбырды архайынæн. Ног гæнæнтæ æмæ авналæнты тыххæй та-иу радзурдзысты махæн, фæнысан кодта Икъаты Русланбег. Ныртæккæ Дзæуджыхъæу архайы алыхуызон пректты. Се ’хсæн «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ», «Жильё и городская среда», «Ахуырад» æмæ æндæртæ. Сæ фæлгæты аразынц æртæ скъолайы: 500, 550 æмæ 1100 бынатæн. Иу скъола та ма рацараздзысты. Сывæллæтты дыууæ ног рæвдауæндоны фæзындзæн Заводы поселоччы æмæ Дзæуджыхъæуы Промышленон районы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ проектты архайынæн сараздзысты Проектон офис
Категория:
Новости и СМИ