Уæллаг Ларсы банывыл кæндзысты уæзласæн хæдтулгæты архайдимæ фæндаггон змæлды фæтк
Уæллаг Ларсы банывыл кæндзысты уæзласæн хæдтулгæты архайдимæ фæндаггон змæлды фæтк. Ахæм хæс дзуапдæттæг ведомствоты размæ сæвæрдта Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ фæндаджы былтыл ма лæууа транспорт. Уымæн æмæ æрлæууæн бынæттæ фаг ис. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы къуырийы кæронмæ Уæллаг Ларсы фæндагыл æвæрдзысты асфальт. Уымæ гæсгæ хæдтулгæты цыд рæстæгмæ бауромдзысты. Уадзæн пункты рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны. Ныридæгæн дзы фæзынд 40 алыхуызон бæстыхайы. Фæндаджы тæлмыты нымæц фæфылдæр кодтой 39 онг. Суткæмæ дзы ныр ацæуы 3 мин хæдтулгæйæ фылдæр.