Школа

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

9 лет назад

Ахуырады федералон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл дзырдтой абон нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, вице-премьер Фадзайты Æхсарбег, стæй ахуырад æмæ наукæйы министрады сæргълæууæг Азымты Иринæимæ фембæлды. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй иннæ аз Дзæуджыхъæуы иу мин сæдæ æмæ фондзсæдæ бынаты кæм уыдзæн, ахæм дыууæ ног скъолайы аразын райдайдзысты. Елхоты та йæ дуæрттæ байгом кæндзæн скъола æртæсæдæ æхсай ахуырдзауæн. Иннæ азы ма кусын райдайдзысты фондз рæвдауæндоны, æхсæз хъæуккаг скъолайы та бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты спортивон залтæ. Æмбырды ма æрныхас кодтой кванториум саразыны тыххæй. Йæ арæзтадæн паддзахад радих кодта æвдай авд милуан сомы. Уымæй уæлдай ма ныхас цыд иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæныныл дæр. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй нысангонд бынæттæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм хъуамæ лæвæрд цæуой æрмæст скъолаты хуыздæр рауагъдæттæн. Уыимæ ма цы дæсныйадыл ахуыр кæндзысты, уыдон дæр хъуамæ республикæйы хъæугæ æмæ ахсджиаг уой. Фембæлды архайджытæ ма `ркастысты, рæвдауæндæттæ куыд кусынц, уыцы фарстамæ дæр. Нæ республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, ахуырад æмæ наукæйы министрады бæрнæй cæ радтын хъæуы фæллой æмæ социалон рæзты министрадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Школа

Категория:

Новости и СМИ