Æрдзон газы хæстæ рæзынц
Ихсыд газдæттæн системæ, зæронд кусæнгæрзтæ æмæ газуарæн иуæй-иу куыстуæтты æнæхъола архайд. Уыдæттæ, информацион агентад ТАСС-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, сты Цæгат Кавказы федералон зылды адæмы хæсты сбирæ уæвыны аххос. Ахæм хатдзæгтæ агентады фыццаг скодтой газы хæдзарады æмæ регионты разамынды минæвæрттæ. Цæмæй хæстæ рæзгæ нæ, фæлæ ма къаддæр дæр кæной, уый тыххæй сæ бæрнон кусджытæ архайынц реструктуризаци скæнын, æххуысы къух бадарынц фæкæсынцух бинонтæм, къабазы куыст та нывыл кæнынц. «Газпром»-ы уалдзæджы кæрон куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Кавказы зылды фæлхасгæнджыты иумæйаг хæс фæфылдæр 10 æнæхъæны æмæ 4 дæсæм хайы. Æхцайæ нымайгæйæ у 94 миллиард сомы чысыл цухæй. Афæдзы райдианы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæстæй 68 миллиарды æмæ 600 милуан сомы дарынц адæм. 15 миллиарды æмæ 800 милуан сомы та газы хæдзарадæй фæхæсджын сты хъармдæттæг куыстуæттæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Кавказы регионты `хсæн æппæты фылдæр хæстæ дарынц Дагестаны - афæдзы райдиан сæ фиддонты бæрц акаст 46 миллиард сомы сæрты. Дыккаг бынаты сты Цæцæны Республикæйы фæлхасгæнджытæ 15 миллиарды æмæ 900 милуан сомимæ. Кæсæг-Балхъар ис æртыккаг бынаты. Паддзахады раз фæхæсджын 13 миллиарды æмæ 600 милуан сомы бæрцæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрдзон газы хæстæ рæзынц
Категория:
Новости и СМИ