Æнæрхъуыды миты нахмæ
Хъæуты хицæуттæ æмæ фермертимæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ныхас кодтой хус кæрдæгыл зынг æфтауыны тыххæй. Сæ фембæлд арæзт æрцыд Æрыдоны районы. Йæ архайджытæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй æдасдзинады домæнтæн ацы æнæрхъуыды мадзал æппындæр дзуапп нæ дæтты. Фыдбылызæн цы зиантæ хæссы, уыдонæн сæ бон апарахат уæвын дæр у. Арæх расайы егъау зынгсирвæзтмæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты кусджытæ ма уæлдай хатт æмбырды уæвджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, цæмæй ахæм æнæрхъуыды митæн кæрон скæной. Бæллæхæн бирæ нæ хъæуы. Сабир Мирзаметов - Сæйраг лейтенант: «25-æм октябры уыд ахæм цау. Æрыдоны районы хус кæрдæг ссыгътой. Уый аххосæй зынг рахызт æфсæддон хайæдтæм. Тæссаг уыд артаг æмæ сæрдæн æрмæджыты æвæрæнтæн. Фæлæ æххуысгæнджытæ 7-æм хайады фæрцы зынгсирвæзтыл бацархайдтой æмæ йæ баурæдтой». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæрхъуыды миты нахмæ
Категория:
Новости и СМИ