Битарты Вячеслав абон фембæлд Гасситы Муратимæ
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав абон фембæлд зындгонд спортсмен Гасситы Муратимæ æмæ йæ тренер Сланты Виталиимæ. Архайдтой ма дзы республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Дзанайты Барис æмæ физкультурæ æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан. Битарты Вячеслав боксерæн ракодта арфæйы ныхæстæ. Загъта йын бузныг, Александр Усикимæ ахæм цымыдисаг тох кæй равдыста, уый тыххæй. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, куыд царды, афтæ спорты дæр, зындзинæдтæ вæййы. Спортсмен йæ ныхмæлæууæгæн куы фæхæрд вæййы, уый спорты царды иу хай у. Гасситы Муратæй та Цæгат Ирыстоны цæрджытæ иууылдæр сæрыстыр сты. Гасситы Мурат куыд загъта, афтæмæй дарддæр йæхиуыл кусдзæн. Ахæм зындзинæдтæ та йæ тыхыл тых фылдæр æфтауынц. Уыцы хъуыддаджы йын йе мбæстæгтæ уæлдай æххуыс сты. Битарты Вячеслав хицауады номæй Гасситы Муратæн æмæ Сланты Виталийæн балæвар кодта сæ бон хи хæдзæрттæ саразæн кæм уа, ахæм зæххытæн сертификаттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав абон фембæлд Гасситы Муратимæ
Категория:
Новости и СМИ