Евгений Вахтанговы райгуырдыл абон æххæст кæны 141 азы
Хъуыстгонд театралон архайæг Евгений Вахтанговы райгуырдыл абон æххæст кæны 141 азы. Режиссер, актер, педагог райгуырд æмæ схъомыл Дзæуджыхъæуы. Театр та уарзта йæ сабибонтæй фæстæмæ. Архайдта-иу хæдахуыр драмон къордты. Гимназ каст куы фæци, уæд ацыд Мæскуымæ. Уым сæвæрдта цалдæр зындгонд спектаклы. Уыд ахуыргæнæг дæр. Нæ номдзыд æмзæххон у Щукинты ӕфсымӕрты номыл училищæ æмæ Вахтанговы номыл театры бындурæвæрæг. Йæ ном ын ссардтой скъоладзаутæ, студенттæ, культурæйы архайджытæ. Йæ цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ.