ЦИПУ-йы ацыдысты бацæуæн сфæлдыстадон фæлварæнтæ
ЦИПУ-йы ацыдысты бацæуæн сфæлдыстадон фæлварæнтæ
Абитуриенттæн ныртæккæ сты ахсджиаг къæпхæныл лӕуд — дæттынц бацæуæн фæлварæнтæ. Фæсивæдæй иутæ æвзарынц техникон дæсныйæдтæ, иннæтæ та, нæ дарддæры æрмæджы хъайтартау, сæхи агурынц сфæлдыстады. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультетмæ ацы аз бацæуынвæнд кæнынц 40 адæймагæй фылдæр. Æвзарынц театралон æмæ нывкæнынады кафедрæты 'хсæн. Фæсивæдæй алчидæр йæхи ацы бонмæ рагæй цæттæ кодта. Ныр, йæ уарзон факультетмæ бахаудзæн æви нæ, уый бæлвырд базондзæн. Театралон аивады кафедрæмæ æвзæрстытæ цæуынц цыппар къæпхæнæй. Артистæн ахсджиаг у алы æнкъарæн, алы хъуыды дæр æнæхин, æнæ аиппæй равдисын — æмæ уымæ уæлдай æргом здæхт цæуы. Уырыссаг æви ирон хайады ахуыр кæндзæн, уый та абитуриент равзардзæн йæхæдæг. Ацы аз театралон аивады кафедрæйы ис 5 бюджетон бынаты. Абитуриентты нымæц та 18 у. Фæлæ меценат Хæдарцаты Махарбæджы руаджы ноджыдæр цалдæр лæппу æмæ чызджы бæллиц сæххæст уыдзæн. Къæбысты Даниэллæ ныв кæнынæй фылдæр ницы уарзы. Æппынæдзух йæ ахорæнтæ йемæ хæссы. Чызджы фæнды йæ аивадон райрæзтыл кусын, фидæны та фæнд кæны дизайнер суын. Нывкæнынады сæрмагонд ахуыр куы райса, уæд йæ бæллицмæ бирæ фæхæстæгдæр уыдзæн. Ацы аз нывкæнынады аивады кафедрæйы ис 15 бюджетон бынаты. Конкурсы та архайы 26 адæймаджы. Исæн къамис алы абитуриенты курдиат æмæ гæнæнтæм дæр лæмбынæг æркæсы. Æмæ кæд ацы фæсивæд иууылдæр нæ бацæудзысты ардæм ахуырмæ, уæддæр сæ курдиат фылдæр раргом кодтой æмæ сӕ фæлтæрддзинад фӕхъӕздыгдӕр.