Артаджы аргъ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Уæрæсейы хицауад сфæнд кодта артаджы аргъы рохтыл æрхæцын сæрды онг. Уый тыххæй Дмитрий Медведев бардзырд бафыста, энергетикон æвæрæнтæ кæй къухы сты, уыцы компаниты разамонджытимæ. Артаджы аргъыл хæрдмæ не схæддзысты æппынкъаддæр æртæ мæйы. Æргъты дыууæрдæм сыффыттытæм нæ республикæйы цæрджытæ дæр лæмбынæгæй кæсынц. Сæ сæйраг курдиат, кæй зæгъын æй хъæуы, æргътæ фæкъаддæр кæнын. Куыд хъусын кодтам раздæр афтæмæй фæстаг рæстæг артаджы аргъ Цæгат Ирыстоны зынгæ схæцыд йæхиуыл. Стæй канд уый нæ. Фарон ма шофырты Федераци ныммыхуыр кодта сæрмагонд иртасæн куыстыты хатдзæгтæ. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй æгас паддзахады артаджы станцæтæн сæ 76 проценты бензин хæдтулгæты ныккæнынц, цас æмбæлы, уымæй къаддæр. Адæм æмбæлгæ фиддон куы бахæссынц кассæмæ, уæддæр. Тæккæ фылдæр аиппытæ иртасджытæ æрхастой чысыл станцæтæм. Фæлæ егъау компаниты дæр куы ничи фæуыны, уæд ахæм цæстфæлдахæн митыл сæхи нæ атигъ кæнынц. Тынгдæр ахæм цаутæ рабæрæг вæййы бензины хуызтæ А-92 æмæ А-95-имæ. Хæдтулгæ скъæрджытæ сфæнд кодтой бензинæй æрдзон газмæ рахизын. Газæн, æппынфæстаг, й` аргъ асламдæр у. Фæлæ уымæн дæр та артаджы станцæты æрхъуыдыджын хицæуттæ мадзал ссардтой. Фæстаг рæстæг æргътæ хæрдмæ стардтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Артаджы аргъ

Категория:

Новости и СМИ