Дзæуджыхъæуы уыд Гулуты Вячеславы киноныв «Барабаны судьбы»-йы премьерæ
Дзæуджыхъæуы уыд режиссер Гулуты Вячеславы документалон киноныв «Барабаны судьбы»-йы премьерæ. Æвдыст дзы цæуы Калоты Виталийы хъысмæт. Йæ бинонтæ 15 азы размæ уæлдæфон фыдбылызы амæттаг баисты. Киноныв систой цыбыр рæстæгмæ. Равдыстой дзы сæйраг хъайтары цард фыдбылызы размæ æмæ йæ фæстæ. Киноныв систой бынæттон компани «Эдельвейс»-ы, Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады æххуысæй. Режиссер Гулуты Вячеславмæ нырма бирæ ног хъуыдытæ ис. Фиданы аз фæнд кæны з ног документалон кинонывыл бакусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы уыд Гулуты Вячеславы киноныв «Барабаны судьбы»-йы премьерæ
Категория:
Новости и СМИ