Æрæфаг страустæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Дашиты Маир страустæ йæ чысылæй фæстæмæ уарзы. Куыд хистæр кодта, афтæ йæ ноджы тынгдæр фæндыд хæдзары африкæйаг мæргътæ дарын. Афтæмæй цалдæр азы размæ ацы цæрæгойтæ сæ гом нуарджын къæхтæ Ирыстоны зæххыл æрæвæрдтой. Йæ фермæ кæд стыр нæу, уæддæр Æрæфы районы уазджыты æмæ цæрджыты дисы æфтауы. Фæсарæйнаг мæргъты фенын сфæнд кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Адæймагæй бæрзонддæр маргъ, аив æмæ хæрзконд. Сæ сау цæстытæй дардмæ фæлгæсынц æмæ дис кæнынц Æрæфы районы æрдзы рæсугъддзинадыл. Нæ райгуырæн саваннæ та цы æрбаци, зæгъгæ, хъуыды кæнынц, æвæццæгæн. Фæлæ цалынмæ мæргътæ сæхæдæг джихтæ кæнынц, уæдмæ сæм адæм уынынмæ цæуынц алы рæттæй. Африкайнаг страустæ нæ республикæйы фыццаг хатт акъахдзæф кодтой 6 азы размæ. Маир цæрæгойты йæ сабибонтæй уарзы. Ахæм бæрзондæй фæлгæсæг уазджытæм рагæй бæллыд. Уыдон æрбынæттон сты, 3 мадæл страусæй рауагътой 2 цъиуы. Маиры бон райдайы райсомы 5 сахатыл. Тагъд кæны ногкарст кæрдæг страустæн бахæссынмæ. Уыдон дæр сæ сæумæрайсомы аходæныл афтæ сахуыр сты, æмæ куыддæр сæ хицауы ауынынц, афтæ йæ размæ тъæпп-тъæппгæнгæ ацагайынц. Уæвгæ, страустæ ахуыр кæуыл уой, уыдонимæ хъазгæ дæр акæндзысты, бацин сыл кæндзысты. Æнæзонгæ адæймагмæ та афтæ бакæсдзысты, æмæ йæхæдæг йæхи иуварс айсдзæн. Маир фермæ дары йæхи удæнцой æмæ æхсызгондзинадæн. Се `йчытæ сын ауæй кæны, иннæ рæттæй йæм цы æлхæнджытæ фæзыны, уыдонæн. Æфтиæгты тыххæй, мыййаг, нæ. Бинойнæгтæй искæй куы бафæрсай, страусы дзидза уæй кæндзынæ, зæгъгæ, уæд сын уыцы ныхас тынг хъыг вæййы. Фыццаджыдæр, сын тæригъд кæны æргæвдынмæ. Дыккаджы та, йæ зæрды ис сывæллæттæн страусты зоопарк саразын. Æмæ йæ бæллиццы хурхыл кард куыд хъуамæ `рбавæра?! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æрæфаг страустæ

Категория:

Новости и СМИ