Премьер Дзанайты Барис дзуапдæттæг кусджытимæ æрдзырдта райхалинаг фарстатыл
17 ног автобусы ратдзысты Æрыдон æмæ Горæтгæрон районты, уыимæ Дзæуджыхъæуы скъолатæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды. Премьер Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, уый у ахсджиаг хъуыддаг. Фыццаджыдæр, уый фæзындзæн сывæллæтты æдасдзинадыл. Дзанайты Барисы фæдзæхстмæ гæсгæ Дыгуры районæн республикæйы бюджетæй рахай кæндзысты æртæ милуан сомæй фылдæр. 200 мин сомы та фæстауæрцгæнæн фондæй рауæлдай кæндзысты Бирæгъзæнджы 240 азы бæрæгбонмæ. Ноджы 600 мин сомы бахардз кæндзысты Фарныхъæу æмæ Зилгæйы культурæйы хæдзæрттæн сценикон уæлæдарæс балхæнынæн. Хицауады уæнгтæ сразы сты COVID-рынчынты реабилитацийы проектимæ. Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæйы ныхæстæм гæсгæ, пациенттæ се `нæниздзинад фидар кæндзысты санаториты æмæ республикæйы реабилитацион центрты. Уый тыххæй сын лæвæрд цæудзæн 12 боны. Хъæугæ хостæй уæлдай семæ кусдзысты психологтæ, араздзысты сын дзæбæхгæнæн физкультурæ æмæ алыхуызон пайда процедурæтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv