Уæрæсейы нысан кæнынц бензиты æргътæ бæрзонддæр кæй кæнынц уый
Бензины æргътæ та рæзынц. Ахæм хаттдзæгмæ æрцыдысты Паддзахадон бæрæггæнæнты оператортæ. Сарæзтой иртæстытæ, цæмæй сбæрæг кæной ацы мæйты иннæ азимæ абаргæйæ, бензины æргътæ куыд сырæзтызты, уый. Артаджы рæстæмбис аргъ ацы аз августы уыд - 45 сомæй фылдæр. Уый 2% фылдæр у, иннæ мæйы бæрæггæнæнимæ абаргæйæ. Уæд та уыди 44 сомы æмæ 52 капеччы. Фарон азимæ абаргæйæ та 3 æнæнхъæн æмæ 8 дæсæм хайы проценты фылдæр. 2018 азы артаджы аргъ уыди 43 сомы æмæ 83 капеччы. 2019-ы июнæй-июлмæ, бензины рæстæмбис аргъ зынгæ нæ аивта. Ацы нымæцтæ базоныны тыххæй Паддзахадон бæрæггæнæнты оператор æркаст пайдагæнджыты курдиæттæм. Афтæмæй, статистикæйы хыгъдмæ бахастой 15 миллиард нымайæн рафысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы нысан кæнынц бензиты æргътæ бæрзонддæр кæй кæнынц уый
Категория:
Новости и СМИ