Илона Шапко сси Европæйы Чемпионкæ мас-рестлингæй

Лæгæй-лæгмæ хæсты япойнаг хуыз. Иуæй-иутæм та кæсы хуымæтæн бæндæн ивазыны хъазты хуызæн. Фæлæ мас-рестлингы архайынæн хъæуы иттæг хорз физикон цæттæдзинад æмæ фæлтæрддзинад. Рæсугъд ӕмӕ уыимӕ зын дисциплинæ йæ рæстæджы сцымыдис кодта Илона Шапкойы. Æрæджы та сси Европæйы чемпионкæ. Мас-рестлингы сæйрагдæр у - снарядыл фидар хæцын. Уæлахиздзау та, гæнæн ис, æмæ сбæрæг уа цалдæр уысммӕ. Ацы спорты хуызы лыстæгдзинæдтæ Илона Шапко хорз зоны. Цы амæлттæй пайда кæны, уыдон та дæсны спортсментæн дæр алы хатт нæ вæййынц зонгæ. Цæргæ хъæуы кæнын. Фæллой кæныныл ахуыр дæн. Цæхæрадонмæ рауай, хуымтæ барув... Уыцы куыстытæ та хъæддыхдзинадыл æрмæст хорзырдæм ахадынц. Спортмæ Илонæ æнæнхъæлæджы æрбахауд. Проспектыл тезгъо кодта, уым та уыцы рæстæг цыдысты ерыстæ. Уæзы категоритæй иуы архайæг нæ фаг кодта. Йæ хæлар Къадзты Зитæ йын балæгъстæ кодта, цæмæй турниры бацархайа. Æнхъæл дæр ничи уыд, афтӕмӕй Илонæ рамбылдта. Уый фæстæ сфæнд кодта æмæ сфæнд кодта тренировкæтӕм цӕуын. Хорз бæрæггæнæнтæм æнхъæлмæ кæсын бирæ нæ бахъуыд. Дыууæ мæйы фæстæ рамбылдта Уæрæсейы чемпионаты бронзæ. Хетæгкаты Къостайы номыл парчы уыд национ спорты хуызты фестиваль. Æмæ мæ ме 'мбал уырдæм басайдта. Хъуыди дзы фат æхсын дæр. Æз та уымæ мæ сабибонтæй фæстæмæ бæллыдтæн. Фат æмæ æрдын мæ къухмæ уыцы бон исгæ дæр нæ ракодтон, фæлæ мас-рестлингмæ тынг сцымыдис дæн. Йæ хæлар Къадзты Зитæ - армрестлингæй спорты дæсны - сси йæ тренер. Куыд зæгъы, афтӕмæй ацы дисциплинæйы сæйрагдæр сты режим, тых æмæ фæразондзинад. Уыцы миниуджытæй иууылдæр Илонæ æххæст у. Зитæйы фидарæй уырны, Илонæмæ бирæ уæлахизтæ кæй æнхъæлмæ кæсы разæй, уый. Иумæ тырнынц спорты бæрзæндтæм, сæ сæйраг нысан - Дунейы чемпионаты архайд. Архайын куы райдыдтам, уæд Уæрæсейы чемпионатмæ мæй йедтæмæ нал хъуыди, ацыд Налцыччы. Уый уыд 2018-æм аз. Ацыдыстæм уырдæм. Немæ сластам майдан. Афтæ райдыдта нæ уæлахизты фæндаг. Абон æнæ мас-рестлингæй иунæг бон дæр нæ аравитæм. Ерысты фæзмæ рахизгæйæ, иу хаттæй иннæ хатмæ æвæллайгæйæ æвдисы, йæ архайд дзæгъæлы кæй нæу. Йæ тыхджын удыхъæды руаджы нырма бирæ ирд ныхмæлæудтæн кæй бафӕраздзӕн, уый дызæрдыггаг нæу.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
27 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии