Хъæуккæгтæн цæрæнуæттæ дæттыны æмæ æхсæнадон транспорты куысты тыххæй I Комæй-коммæ
Хъæуты цæрджыты хæдзæрттæй ифтонг кæныны программæ нæ бæстæйы кусын райдыдта цалдæр азы размæ. «Хъæууон территоритæ райрæзын кæнын» - афтæ хуыйны федералон программæ. Ууыл кусынц Кировы районы. Цæгат Кавказы федералон зылды равзæрстой 4 хуыздæр хъæуы. Сæ номхыгъдмæ бахауд цæгатирыстойнаг Ираныхъæу дæр. Уымæй уæлдай ма дзурæм, хъæуты æхсæнадон транспорты куыстæй адæм разы кæй не сты, ууыл.