Нартыхъæуы тагъд байгом уыдзæн ног цалцæггонд культурæйы хæдзар

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Ныртыхъæуы тагъд байгом уыдзæн ног цалцæгонд культурæйы хæдзар. Уый тыххæй не сфæлдыстадон къордæн фехъусын кодтой хъæуы бынæттон администрацийы кусджытæ. Ныртæккæ ма дзы æххæст кæнынц лыстæг куыстытæ. Уыдон дæр хъуамæ тагъд фæуой. Тебиаты Жаннæ Нартыхъæуы культурæйы хæдзары методистæй кусы къорд азы дæргъы. Йæ сæйраг куыст у методикон æгъдауæй разамынды уæнгтæн хъæугæ æххуыс бакæнын. Йæхæдæг нын куыд радзырдта, афтæмæй уый абон разы у, ахæм аив æмæ рæсугъд бæстыхайы кæй кусы, уымæй. Уымæн æмæ уый размæ бынæттон цæрджытæн ахæм уавæртæ нæ уыд. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр ацы культурæйы хæдзар цы уавæры уыдис, уый. Не сфæлдыстадон къорд фарон бацттæ кодта Нартыхъæуы социалон æмæ спортивон райрæзты тыххæй сæрманогд æрмæг. Уæд нырма ацы культурæйы артдзæст цалцæггонд нæма рцыд. Уыдысты дзы æрмæстддæр къултæ. Фæлæ Федералон программæйы фæрцы хъуыддаг фæхуыздæр. Цы культурæйы хæдзар байгом уыдзæн тагъд рæстæджы, уым канд алыхуызон къордтæ нæ уыдзæн, фæлæ ма дзы уыдзæнис чиныгдон дæр. Афтæмæй хъæуы цæрджытæн сæ бон уыдзæн ацы аив æмæ рæсугъд бынатмæ æрбацæуын чингуытæ райсынмæ дæр. Куыд зонæм, афтæмæй æрмæст культурæйы хæдзар нæ уыди заууат уавæры, фæлæ ма йæ алфæмблай дæр. Ныр уыцы хъуыддаг дæр хъуыздæры 'рдæм аивта. Бынæттон цæрджытæ иумæйагæй æрбамбырд сты, æмæ бафснæйдтой культурæйы хæдзары алыварс. Уыдысты дзы куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Алкæмæндæр йæ бон цæмæй уыд, уымæй æххуыс кодта. Хъæуы разамынды ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ тагъд рæстæджы байгом уа сæ культурæйы хæдзар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Нартыхъæуы тагъд байгом уыдзæн ног цалцæггонд культурæйы хæдзар

Категория:

Новости и СМИ