Республикæйы сывæллæтты ифтонг кæндзысты туджы сæкæры æмвæзад бæрæггæнæн системæйæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 просмотров

4 года назад

12 аздзыд чызг Аидæ ацы уколы тыххæй йæ ахуыртæй дæр фæцух. Ацы хатт хорз хъуыддаджы фæдыл. Суинаг гимнасткæ ацы бонмæ афæдзы 'рдæгæй фылдæр æнхъæлмæ каст. Чысыл къоппы — зын механизм. Æркæсгæйæ гагахосы ййас, фæлæ у буары бын даргæ сæрмагонд технологиимæ датчик. Æппынæдзух туджы бæрæг кæндзæн сæкæры æмвæзад. Аидæ йæ мадимæ дохтыры амынддзинæдтæм лæмбынæг хъусынц. Дыууæйæ дæр æй хъуамæ, æнæмæнг, æмбарой датчик дыууæ къуырийы иу хатт ивын кæй хъæудзæн. Уый сæхи бон бакæнын дæр уыдзæн — хæдзары. Механизм скусдзæн къухыл фидаргонд куы æрцæуа, уæд. Уый фæстæ æппæт бæрæггæнæнтæ дæр фенæн уыдзæн телефон къухыл æрæвæргæйæ. Мобилон уæлæфтуаны уайтагъд диаграммæ фæзындзæн. Мониторингы системæ «Либра» у нырыккон сканнер. Сæкæрниз цы адæймагмæ ис, уый бон у йæ сæкæры æмвæзад бæрæг кæнын. Æрмæст се 'ппæты нæ бахъæуы. Фылдæр сывæллæтты. Сæ цард сын рогдæр кæны. Медицинон гарз Уæрæсейы фармацевтон къабазы фæзынд 2021-æм азы кæрон. Самал кæныны фадат æй уыд иугай бинонтæн. Зынаргъ уыд. Уæд республикæйы разамынды хъæппæрисæй бынæттон бюджетæй сывæллæтты ацы механизмæй ифтонг кæнын райдыдтой. «Либра» дарддæр ласдзысты нæ бæстæмæ. Егъау фармацевтон куыстуæттæ фехъусын кодтой Уæрæсейы кæй баззайдзысты. Абон сæкæрнизимæ адæмæн ис бирæ гæнæнтæ сæ цард фæрогдæр кæнынæн. Помпæтæ, капсулæтæ лыстæг судзинтимæ, гагахостæ. Фæлæ, дызæрдыггаг нæу туджы сæкæры æмвæзад бæрæггæнæн сканнер медицинæйы стыр къахдзæв кæй у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv