Цæрын æви хъизæмар кæнын?
Цæрæнбонты æххуысмæ фенхъæлмæ кæс æмæ цæй тыххæй? Хуымæллæггаг Илья Тваури цы уавæрты цæры, уыдонæй зæрдæ бауазал вæййы. Феныны аккаг сты. Иу агъуысты цæрынц фондз бинойнаджы. Æнæ хъарм, æнæ дон æмæ бынтон æвадатæй. Уæдæ цæрæнуат дæр сæхи нæу. Цы сын баххуыс кæндзæн æмæ ма йæм цас æнхъæлмæ кæсой, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Ныр 30 азы Илья Тваури йæ бинонтимæ цæры зын уавæрты. Хæдзары къуымтæм куы акæсай, уæд зæрдæ ныккæрзы. Къултæ схъуына сты, згъæлынц. Кæд цард раджы аивта æмæ алы хæдзары дæр ныртæккæ дон æмæ æрдзон артаг ис, уæд ацы бинонтæ уыцы удæнцойæ цух сты. Ахæм уавæрты гыццыл агъуысты цæрынц фондзæй. Фæлæ сын тагъд ацы хæдзар дæр нал уыдзæн. Йæ хицау сæ домы, цæмæй йæ суæгъд кæной. Бинонтæ Хуссар Ирыстонæй 90-æм азты ралыгъдысты. Æрбынат кодтой Хуымæллæджы. Уæрæсейы гражданинтыл бинонтæй банымадтой æрмæст сывæллæтты. Ильямæ йæхимæ суанг паспорт дæр нæй. Афтæмæй нæлгоймаг йæхи Афганистаны хæсты ветеран хоны. Бинонтæй кусы æрмæст Ильяйы цардæмбал. Æххуыс ма сын кæны сæ хистæр лæппу, фæлæ нæ республикæйы нæ цæры. Хистæр лæппуйæ уæлдай ма сын дыууæ фырты ис. Уыдон дæр æнæниз не сты. Сæ бон кусын нæу. Инвалиды æвдисæндар райсын сæ бон нæу. Æхца сын æппындæр ницæмæн фаг кæны. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ бахастой сæ курдиат, цæмæй сын баххуыс кæна. Фæллой æмæ социалон райрæзты министрады ацæргæ адæмæн социалон æххуысы хайады разамонæг Хъулаты Фатимæ: «Ацы бинонты уавæримæ зонгæ стæм. Материалон æххуысы тыххæй нæм сæ курдиат балæвæрдтой. Фæнды сæ сæ цардыуаг фæхуыздæр кæнын. Æххуысагур Битарты Вячеславмæ фæцыдысты. Сæ курдиатмæ æркæсын бабар кодтой фæллой æмæ социалон райрæзты министрадæн. Ныртæккæ æмбырд кæнæм æмбæлгæ гæххæттытæ, цæмæй сæм закъоны бындурыл фæкæсæм». Бынæттон администрацийы сын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хъæуы бюджеты авналæнтæ сæ хæрзтæй не сты. Уымæ гæсгæ бинонтæм сæ бон фæкæсын ницæмæй у. Ныртæккæ Илья Тваурийæн йæ бон медицинон æххуыс райсын дæр нæу. Ныфс æй ис, кæй йæм фæкæсдзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæрын æви хъизæмар кæнын?
Категория:
Новости и СМИ