Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады оперативон штабæн уыд æмбырд
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады оперативон штабæн уыд æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта министрады разамонæг Михаил Скоков. Архайдтой дзы Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан, Ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина, стæй Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Ныхас кодтой адæмы æдасдзинады фарстатыл. Бæлвырддæрæй – рухæны мæйы 1 бонмæ цы сæрмагонд мадзæлттæ аразынц, уыдонмæ цæттæдзинадыл. Уыцы хъуыддагыл кусдзысты 8 сентябры - иумæйаг хъæлæс кæныны бон дæр. Уый тыххæй Мидхъуыддæгты министрады сконд рахиздзæн куысты нысангонд фæткмæ. Æхсæнадон æдасдзинады пъæлицæйы хицауы хæдивæг Сабанаты Альберт æмæ Паддзахадон Автоинспекцийы разамонæг Хуадонты Айвары ныхæстæм гæсгæ, сбæлвырд кодтой барадхъахъæнджытæ сæхæдæг, цавæр домæнтæ хъуамæ æххæст кæной, уый. Хъæлæскæныны иумæйаг боны нысангонд пъланы тыххæй æрдзырдта Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзæрстыты бонмæ ныридæгæн цæттæ кæнынц фæткмæ гæсгæ. Уымæн сын æххуыс кæнынц барадхъахъæнджытæ дæр. Ацы аз, 200 ахуыргæнæндонæй фылдæры сбæрæг кæндзысты зонындзинæдты бон. Уый тыххæй мидхъуыддæгты кусджытæ хъуамæ сбæрæг кæной скъолаты бæстыхæйттæ. Архайдзысты дзы кинологтæ æмæ сапертæ. Паддзахадон Автоинспекцийы кусджытæ та сæ хъус æрдардзысты хæдтулгæты æнæнзакъонæй арæзт лæууæн бынæттæм. Михаил Скоковы ныхæстæм гæсгæ, бæрæгбæттæм хъуамæ уыцы бынæттæ рагацау снысан кæной. Уæлдай æргом æмбырды аздæхтой Беслæны номарæн мадзæлтты рæстæг æдасдзианды домæнтæ куыд æххæст кæндзысты, уымæ. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй, Рахизфарсы районы Зонындзинæдты бон сбæрæг кæндзысты 5-æм сентябры. Адæмы æдасдзинадмæ уæлдай æргом аздахын кæй хъæудзæн, уый фæнысан кодтой æмбырды архайджытæ. Номарæн мадзæлты бон Беслæны æрæмбырд уыдзысты канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ ма æгас Уæрæсейæ дæр. Уыимæ ма, се `хсæн фæсарæйнаг делегацитæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады оперативон штабæн уыд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ