Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц ирвæзынгæнæджы бон
Радхæссæг къорд фæдисы дзæнгæрæгмæ цæрдæг фæлæууыд. Арæзтадон куыстыты рæстæг бæстыхай ныккалд. Рæдзæгъдты бын æххуысмæ æнхъæлмæ кæсы иу адæймаг. Ирвæзынгæнджытæ бынатмæ бахæццæ сты 5 минутмæ. Æмæ кæд ацы цау æрымысгæ у, уæддæр хъуыддагмæ бæрнон цæстæй ракастысты. Ахæм практикон ахуырты архайынц алы бон дæр дыууæ сахаты дæргъы, уый бæрц рæстæг ма - теори. Уый фæрцы бакусынц æмархайдыл, стæй ног технологитимæ дæр æмдзу кæнынц. Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны агурæг-ирвæзынгæнæг къорды кусджытæ алцæмæ дæр цæрдæг сты. Бахъуаджы сахат вæййынц дæлдондзогтæ дæр æмæ альпинисттæ дæр. Альпинисты зонындзинæдтæ та нæ республикæйы уæлдай хъæугæ сты. Хъазыбегмæ схизын бирæ туристты фæнды, фæлæ денджызы æмвæзæй 5 мин метры бæрзонддæр куыд схизгæ у, уый иууылдæр нæ фæзонынц. Ныртæккæ хъыгдард баййафæджы ссардтой, фыццаг æххуыс ын бакодтой æмæ йæ дохтыртæм акодтой. Нæ агурæг-ирвæзынгæнæг къорд Уæрæсейы хуыздæрыл дыууæ хатты банымадтой. Фылдæр архайынц фæндаггон-транспортон цаутимæ, стæй, æбæрæгæй чи фесæфы, зæгъæм, хъæдмæ зокъодзуаны ацæугæйæ, уыдонимæ. Æппынæдзух искæй хъыгмӕ кӕсын æнцон нæу. Æмæ уый тыххæй ирвæзынгæнæг хъуамæ уа фидарзæрдæ. Уый тыххæй психологон реабилитаци алкæмæн дæр æнæмæнг у. «15 азы бакуысты фæстæ ирвæзынгæнæгӕн пенси дзæгъæлы не 'мбæлы», - зæгъы Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны агурæг-ирвæзынгæнæг къорды разамонæджы хæдивæг, республикæйы сгуыхт ирвæзынгæнæг Плиты Руслан. Царды ахæм фæндаг цæмæн равзæрстай, зæгъгæ, куы бафæрсай ацы фæсивæды, уæд сæ дзуапп иу у. Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Ирвæзынгæнæджы бон. Бæрнады сæйраг управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ахуыссын кодтой 1200 зынгсирвæзты, аиуварс кодтой 750 фæндаггон цауы фæстиуджытæ, архайдтой 120 ирвæзынгæнæн операцийы. Уыдон та сты сæдæгай адӕм, æмæ сæ бахъахъхъæдтой ирвæзынгæнджытæ.