Сырх-Дыгуры карджын адæм бахаудысты Уæрæсейы рекорды чиныгмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Ноджы ма иу хъæу Цæгат Ирыстоны хаст æрцыд нæ бæстæйы рекордты чиныгмæ. Сырх-Дыгурæй 14 адæймаджы нымад æрцыдысты Уæрæсейы карджындæр цæрджытыл. Ныхасæн, уый бæрц нæ бæстæйы иу хъæуы дæр нæй. Нæ республикæйы сæргълæууæджы номæй кадджын хистæртæ айстой арфæйы ныхæстæ. Фыццаг бакастæй бæрæг дæр нæу, Бузойты Барисыл 92 азы кæй цæуы. Йе 'нæниздзинадæй никуы ма рахъаст кодта, хæдзары куыстытæм дæр нырма рæвдз у. Уæдæ йæ хæдтулгæйыл дæр йæхæдæг цæуы. Суанг ма сыхаг регионтæм дæр араст вæййы хъуыддаджы фæдыл. Барис йе 'фсымæр Цæраимæ сыхæгтæ сты. Уый Барисæй 2 азы хистæр у. Елойты Розæйыл та 91 азы цæуы. Йæ бинонтæ йæ уæззау куыстæй хъахъхъæнынц, фæлæ сæ нанайæн йæ бон нæу æгуыстæй бадын. Розæ уарзы хуыйын, хæринаг кæнын, бакусы цæхæрадоны дæр. Сабеты Раисæ арæх æрымысы, хæсты фæстæ адæмæн цас фыдæбон уыд, уый. Сывæллæттæ уæвгæйæ-иу, быдыры куыстой бон изæрмæ. Схъомыл кодта 7 сывæллоны. Ныр йæ хъæбулы хъæбултæ æмæ уыдоны цот сты 40-æй фылдæр. Кæд Раисæйыл 93 азы цæуы, уæддæр бинонтæ иумæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд хæдзарæй райхъуысы фæндыры цагъд. Гæлиты Георгий дæр Сурх Дигорайы цæрæг у. Райгуырд 1928-æм азы. Скъолайы фæстæ каст фæци Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институты зоотехникон факультет. Гæлиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, бирæ фæцæрынæн ахсджиаг у куыстуарзон æмæ зæрдæхæлар уæвын. Фарон Сурх Дигора бахауд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Хъæуы цæрджытæй 90 азы æмæ фылдæр кæуыл цæуы уыдоны нымæц у 14. Рекорд фæнысан кæныны хъуыды фæзынд бынæттон цæрæг Мæрзойты Олегмæ. Ахæм хуызы йæ фæндыд йе 'мхъæукæгтæн лæвар скæнын Сурх Дигорайы 90 азы юбилеймæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы номæй карджын адæмæн раарфæ кодтой республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ æмæ Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар. Карджын адæмæй сæ фылдæр федтой хæсты хъизæмæрттæ. Уый фæстæ та архайдтой бæстæйы райрæзтыл. Кæддæриддæр сæ фæлтæрддзинад не 'вгъау кæнынц кæстæртæн дæр. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv