Тибы трансформаторы цур цалдæр стуры ныццавтра
Тибы трансформаторы цур цалдæр стуры ныццавтра
Рæгъауы хицау Кучиты Хетæг æнæнхъæлæджы цау йæхи цæстæй федта. Гыццыл уæлдæр, фæндагыл лæууыд. Кæсы, æмæ бæстæ фæздæджы бын фæци. Æвиппайды йӕ бамбæрста - трансформатор цыдæр кодта. Бынмæ куы æрхызт, уæд йæ хъомтӕ федта. Йӕ фосæй æртæйæ афтидæй аззад – ток сæ ныццавта. Фермер куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы ныртæккæ бастдзинад нæй, æмæ уый бынæттон цæрджыты фылдæр тыхсын кæны. Бастдзинад кæй нæй, уый нæхæдæг дæр бæлвырд базыдтам. Ам ахæм цау фыццаг хатт æрцыд. Фос хъæугæрæтты кæддæриддæр æнæ хъомгæсæй фæхизынц. Уый фæдыл-иу раздæр зындзинæдтæ никуы сæвзæрд. Сахаты æмгъуыдмæ бынатмæ æрбахæццæ сты æвæстиаты сдужбæтæ.Трансформатор токæй ахицæн кодтой. Ведомствотæ кусынц абон дæр. Райсомæй дыккаг хатт æрбацыдысты ветеринартæ. Фæнысан кодтой, фос æнæмæнг ток кæй кæй ныццавта, уый. Æппæт низтæй дæр сын прививкæтæ конд уыди. Бынаты куыстой хызон куыстуаты минæвæрттæ дæр. Æрбацыдысты дæлстанцæйы службæйы бригадтæ æмæ электротехникон лабораторийы дыууæ инженеры. Бæрæг кæндзысты, трансформатор цы кодта, уый æмæ цауæн йæ аххосæгтæ.Уый хыгъд, фæнысан кодтой, сарæзтой йæ æдасдзинады æппæт домæнтæ хынцгæйæ. Трансформаторы уавæр сбæлвырд кæндзысты специалисттæ. Æнæнхъæлæджы цауы аххосæгтæ хæстæгдæр рæстæг хъуамæ уой бæлвырд. Исгæ йæ нæ акæндзысты, уымæн æмæ ифтонг кæны, Мамысоны комплексæн ног дæлстанцæ кæм аразынц, уыцы фæзуат. Фæлæ бынаты тæссаг нал уыдзæн.