Митын Дадайы «ачындз» кодтой
Чи никуыма `рцыд, ахæм хабарæн абон æвдисæн уыдысты Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Сабырдзинады проспекты æнæнхъæлæджы ачындз кодтой Митын Дадайы. Куыд æй уынут, афтæмæй йæ цалдæр лæппуйы кæнгæ нымæты атыхтой, хæдтулгæйы йæ смидæг кодтой æмæ йæ атеу-теу кодтой æбæрæг ранмæ. Сæ фæдыл цæхгæнджытæ дæр ын нал баххуыс сты. Æвæццæгæн, æй Ног азы бæрæгбонмæ аскъæфтой, зæгъгæ, афтæ фæкаст адæммæ. Социалон хызты та бирæтæ дисы бафтыдысты, ацы хатт, дам, хъуыддаг æнæ зæххыл ратул-батулгæнгæйæ куыд ахицæн, зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Митын Дадайы «ачындз» кодтой
Категория:
Новости и СМИ