Гасситы Мурат йæхи цæттæ кæны Александр Усикимæ фембæлдмæ
Нæ богал Гасситы Мурат йæхи цæттæ кæны Александр Усикимæ фембæлдмæ. Спортсмен йæхæдæг куыд фехъусын кодта журналисттæн, афтæмæй йæ зæрдæ дары 12 раунды архайыныл. Ерыс кæм уыдзæн, уый тыххæй дæр уæдæ йæ хъуыдытæ загъта. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын æппындæр уæлдай нæу, рингмæ кæм рацæудзæн, уый. Фæлæ Мæскуыйы кæй уыдзæн, уымæй разыйæ баззад. Мах та ма уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, Гасситы Мурат æмæ Александр Усик 21 июлы Мæскуыйы кæй фембæлдзысты. Сæ тох уыдзæн спортивон комплекс «Олимпийскийы». Ерыс кæндзысты фыццаг уæзы дунеон чемпионы ном райсыныл. Цæгат Ирыстонæй Мæскуымæ ацæуынвæнд кæнынц, Мураты арæхстдзинадæн стыр аргъ чи кæны, ахæм 100-гай спортуарзджытæ. Уырны сæ, Гассийы-фырт та сæ ацы хатт дæр фыдæнхъæл кæй нæ фæкæндзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Гасситы Мурат йæхи цæттæ кæны Александр Усикимæ фембæлдмæ
Категория:
Новости и СМИ