«Иры Фарн», - хæдахуыр дæсныты сфæлдыстадон конкурс райдыдта Цæгат Ирыстоны
«Иры Фарн», - хæдахуыр дæсныты сфæлдыстадон конкурс райдыдта Цæгат Ирыстоны. Йæ саразыны хъæппæрис разынд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ. Æркасты архайынц, сæ курдиат раргом кæнын кæй фæнды, уыдон иууылдæр. Се`хсæн равзардзысты хуыздæрты. Уыдонæн фæстæдæр фадат уыдзæн республикон кæронбæттæн концерты адæмы зæрдæтæ балхæнын. Саккаг сын кæндзысты хæрзиуджытæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ. Ныр та уал фыццаг къæпхæны æркаст. Абон ацыд Елхотты. Культурæйы бынæттон хæдзармæ æрбамбырд сты Кировы районы сфæлдыстадон къордтæ æмæ аивадмæ æмхиц чидæриддæр у, уыдон. Нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ дæр уыди уым. Цы æрмæг бацæттæ кодта, уымæ ма бакæсут. Аивадуарзджытӕн ӕхсызгон бӕрӕгбон. Абон Елхотты культурæйы галуаны сӕ курдиат равдыстой Кировы районы аивадуарзджытӕ. Уыдон бацӕттӕ кодтой цымыдисаг равдыстытӕ. Уыимӕ азарыдысты ӕмӕ равдыстой зарынмӕ куыд дӕсны сты, уый дӕр. Сӕ сӕйрагдӕр нысан – конкурсы республикон гала-концерты бацархайын ӕмӕ уӕлахиздзаутӕ суӕвын. Елхотты культурæйы галуаны директор Хъазиты Дианæ: «Ацы конкурсы сæйраг нысан у, цæмæй мах равзарæм, аивад бирæ чи уарзы, ахæм адæмы. Хъæуты цы курдиатджын адæм ис, уыдоны дæр. Алы районы дæр ис, сæ бон горæтмæ цæуын кæмæн нæу, ахæмтæ. Уыдонæн ацы æркастыты дæттæм фадат, цæмæй сæхи равдисой». Ацы ӕркаст арӕзт ӕрцыд нӕ республикӕйы культурæйы министрад ӕмӕ Дзæуджыхъæуы адæмон сфӕлдыстады хӕдзары разамынды хъӕппӕрисӕй. Ацы конкурс арӕзт у хӕдахуыр адӕмы райрӕзты тыххӕй. Проект та йæ тыхы бацыд Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Уый фарон расидтис, цӕмӕй алы районы дӕр равзарой аивадон архайджыты, æмæ сын саразой ахæм конкурс. Æрвылаз алы районы дӕр арӕзт цӕуы сфӕлдыстадон ӕркаст «Иры Фарн». Бафиппайын ма хъӕу уый дӕр, ӕмӕ ацы конкурсы архайджытӕ сӕхи бӕстонӕй цæттӕ кодтой ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ алчидӕр йӕхи иттӕг хорз равдиса. Уыимæ рагагъоммæ цæтта уа йæхи ацы конкурсы равдисынмæ. Абон ацы ӕркастӕн хатдзæгтӕ скодтой нӕ республикӕйы адӕмон сфæлдстадон хӕдзары уӕнгтӕ. Уыдон равзардзысты хуыздæр архайджыты, цæмæй сæ арвитой Дзæуджыхъæуы гала-концертмæ. Уæнгты 'хсæн: жюрийы разамонӕг Цӕриаты Валерий, проекты разамонӕг, нӕ республикӕйы аивады сгуыхт кусӕг Битарты Ларисӕ, Уӕрӕсейы сгуыхт артист Булацаты Таймураз, нӕ республикӕйы культурӕ ӕмӕ ахуырады сгуыхт кусӕг Мамыхъуаты Людмилӕ ӕмӕ иннӕтӕ. Абон районы сфæлдыстадон арæзты цы архайджытæ архайы, уыдонæн сæ бон уыдзæн сæхи Дзæуджыхъæуы гала-концерты равдисын. Уыимæ ма уæлахиздзаутæн лæвæд æрцæудзысты æхцайы фæрæзтæ. Уыдоны фæрцы сфæлдыстадон къордтæ райсдзысты хъæугæ фæрæзтæ сæ аивадон равдыстытæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Иры Фарн», - хæдахуыр дæсныты сфæлдыстадон конкурс райдыдта Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ