Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Ольга Вардашева
Æнкъард хабар. Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы сгуыхт артисткæ Ольга Вардашева. Сфæлдыстад йæ удæй фылдæр чи уарзта, уыцы чызг райгуырд 1946 азы Беслæны. Йæ мад уыд зарджыты æмæ кафджыты ирон ансамблы солисткæ. Ивгъуыд æнусы 50-æм азты цæрынмæ ацыдысты Ленинградмæ. Уым Ольга Вардашева райста музыкалон ахуырад. Зарыд «Ленконцерты», джаз-оркестримæ, æнтысджын къахдзæфтæ кодта эстрадæйы дæр. Йæ сфæлдыстадон биографийы ис рольтæ «Сентиментальный роман», «Небесные ласточки», «Шляпа», «Семь счастливых нот» кинонывты. Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæйæн фæстаг фæндараст зæгъдзысты райсом йæ райгуырæн Беслæны.