Аив хъуыддаг
Абон Уæллаг Санибамæ `ввахс ногуард митыл фæзынд сæфтæджыты фæдтæ. Диссаг макæмæ фæкæсæд, фæлæ адæмы руаджы `рцыд уыцы хабар. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ нæм Ростовæй сагтæ сластой. Ныр цæрдзысты Ирыстоны. Æдæппæтæй дæсæй фылдæр сты. Бæрнон кусджытæ сæм сæ хъус дардзысты, цæмæй сыл æнæзакъонæй цуангæнджытæ ма бамбæлой. Бæлвырддæр хабæрттæ базондзыстут нæ уацхæсджыты æрмæгæй. Нæ республикæйы хохрæбынты æрцæрдзысты сагта. Цæгат Ирыстонмæ сæ ластой цалдæр сахаты. Нæ республикæйы цуанæтты хæдзарадмæ сæмбæлдысты Ростовы облæстæй. Уым сæ дардтой æхгæд уавæрты. СНХ: Владимир Иванченко - генеральный директор ОАО "Россоюз" охотничьего хозяйства Кундрюченское /Ростовская область/ Ростовы сæрмагонд бынаты хæссæм сырдты 6 хуызы. Æхгæд ран сæ дарæм, цæмæй ма скуынæг уой, уый тыххæй. Кæй схæссæм, уыцы цæрæгойты та цуанæтты хæдзарæдтыл байуарæм. «Саджы фисынтыл амад». Ирон адæммæ ахæм ныхас хуымæтæджы нæ баззад! Нымайынц æй рæсугъд æмæ аив сырдыл. 30 азы размæ дæр ма Цæгат Ирыстоны уыди иу мин саджы бæрц. Фæлæ дзы 10 азы æмгъуыдмæ се ртыццаг хай дæр нал уыди. Абон хæдзарадмæ баластой 11 цæрæгойы. Ноджыдæр ма иуы та балæвар кодтой фæдзæхст бынатæн. Уый къухы бафтыди социалон-экологон проекты фæрцы. Экологи æмæ æрдзы æвæрæнты министрад æй сæххæст кодта куыстуат "Бавариимæ". Битарты Зелим - куыстуат "Бавари"-йы сæйраг директор "Саг ирон адæммæ кæддæриддæр уыди кадджын, нымад. Нæ республикæйы бирæ нал баззадысты. Нæ зæрдæ дарæм иумæйаг куыстыл, министрадимæ сæ кæй бабирæ кæндзыстæм, ууыл. Закъоны ныхмæ чи архайы, уыдоны æфхæрдзыстæм. Нæ республикæйы размæ та лæууы ахæм хæс, цæмæй сагты æлхæнын мауал хъæуа. Хъуамæ сæхæдæг бабирæ уой. Фидæны сæ нæ республикæ уæй кæндзæн иннæ регионтæн. Уымæн ис æппæт фадæттæ дæр. Сагты ауагътой, йæ фæзуат 70 гектарæй фылдæр кæмæн у, ахæм бынатмæ. Холлаг дæттынæн сын бацæттæ кодтой сæрмагонд бынæттæ. Цуанæтты хæдзарады кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы цæрæгойтæ æнцондард сты. Фæлæ сæм уæддæр цæст дарын хъæудзæн æхсæвæй-бонæй. Созанаты Цæра - Цæгат Ирыстоны цуанæтты хæдзарады сæргълæууæг. Ацы сырдтæ дарзыстæм ам. Куыд фылдæр кæной, афтæ-иу сæ ауадздзыстæм. Сывæллæттæн скæндзыстæм, кæцææй кæсой, ахæм бынæттæ. Сæрмагонд проектмæ гæсгæ ма цалдæр боны фæстæ нæ республикæмæ æрбаласдзысты 16 саджы. Ауадздзысты сæ Дыгургомы Тырмоны фæдзæхст бынаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Аив хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ