"Лæвар кæнæм цард". Ахæм сæргондимæ донорты акци ацыд Дзæуджыхъæуы
"Лæвар кæнæм цард". Ахæм сæргондимæ донорты акци ацыд Дзæуджыхъæуы. Мадзал сарæзтой тугдæттыны республикон станцæ æмæ хæрзаудæн фонд "Быть добру"-йы хъæппæрисæй. Цæрджытæ дæттынц 450- мл туг æмæ йæ компоненттæ. Акцийы архайджыты удæнцойæн снысан кодтой сæрмагонд фæтк, уымæ гæсгæ адæмы рады лæууын нæ бахъуыд. Боны дæргъы мадзал бабæрæг кодтой сæдæгай адæм, се 'хсæн туг æппынæдзух чи дæтты, ахæмтæ дæр.