1 500 скъоладзауæй фылдæр æрлæууыдысты æрыгон армионты рæнхъытыл
1 мин æмæ 500 скъоладзауæй фылдæр æрлæууыдысты æрыгон армионты рæнхъытыл. Кадджын мадзæлттæ сарæзтой Дзæуджыхъæуы æмæ районты ахуыргæнæндæтты. Сбастой сæ Фыдыбæстæйы Хъæбатырты Бонимæ. Ахуырдзаутæ фæткмæ гæсгæ, ард бахордтой, стæй сын радтой æрыгон армионты æвдисæндартæ æмæ хæрзиуджытæ. Ахæм мадзæлттæ ахадгæ æвæрæн хæссынц фæсивæды хъомылады рæзтмæ. Ацы азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны æппæт скъолаты хъуамæ саразой æрыгон армионты къордтæ. Ахæм хæслæвæрд радта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
1 500 скъоладзауæй фылдæр æрлæууыдысты æрыгон армионты рæнхъытыл
Категория:
Новости и СМИ