Георгий агуры бинонтæ
Телеканал «Осетия-Ирыстон», стæй фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад бакуыстой иумæйаг проектыл. Алы майрæмбон дæр бацæттæ кæнæм видеоæрмæджытæ сидзæр сывæллæтты тыххæй. Зæрдæ дарæм, не `рмæджы фæстæ дзы искæй кæй бафæнддзæн йæ зæрдæйы хъарм искæцы сывæллонæн балæвар кæнын. Уыцы нысанимæ та æвдисæм мæнæ ацы æрмæг дæр. Хæмпус чысыл къæхтæ æмæ гыццыл харбызты хуызæн рустæ – Георгий бакастæй арсы лæппыны хуызæн у. Куыддæр сывæллæтты хæдзарæй бакъахдзæф кодтам, афтæ йæ уайтагъд нæ къухтæм бафæндыд. Тынг ныббуц йæхицæй – раст нын цыма не `рбацыды сæр æмбæрста, уыйау. 3-æм сентябры лæппуйыл сæххæст уыдзæн 2 азы. Йæ райгуырды фыццаг бонтæй фæстæмæ ацы сывæллæтты хæдзары цæры. Бæрæггæнæг æм иунæг хатт дæр ничи `рбацыд. Æвæццæгæн, уыйтыххæй баппары йæхи адæймаджы хъæбысмæ. Дохтырты ныхасмæ гæсгæ, сывæллон иучысыл фæстейы аззад йæ физикон миниуджытæм гæсгæ. Фæлæ чысыл Георгий, уыдæттæ нæма `мбаргæйæ, цин кæны йæ алыварс дунейыл. Хъазæнтыл, ирд дзауматыл, сапондоны таппузтыл. Уæдæ хæрдцух дæр нæу. Бон фондз хатты сывæллæттæ æрбадынц фынджы уæлхъус. Зылдцух дæр не сты, ис сæм цæстдард. Фыццаг бакастæй – цард сæ рæвдауы. Фæлæ сæ æцæг рæвдыд кæмæй хъæуы, уыдон сæ фарсмæ не сты. Нæй сын фыд, нæй сын мад дæр. Уыцы зын, бæрнон, фæлæ Хуыцауы уарзон хъуыддаг йæхимæ райсын та æрмæстдæр стыр æмæ рæдау зæрдæйы хицау адæймагæн у йæ бон. Кæд не `хсæнады ахæм исчи разынид. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Георгий агуры бинонтæ
Категория:
Новости и СМИ