Бигъуылаты Людмилæ | Заманæй
Сæгъы хъуынæй конд кæлмæрзæн ныртæккæ у сылгоймаджы уæлæдарæсы хай. Фæлæ сæ незаманты та дардтой, Сыбираг тыгъд быдырты бæхтыл дугъ цы нæлгоймæгтæ уагътой, уыдон. Уый уыд зынаргъ дзаума. Йæ хицауæн канд йæ буар нæ тавта, фæлæ ма дзы зæрдæ дæр рухс кодта. Зынаргъ лæварыл нымад вæййы. Бигъуылаты Людмилæ дæр æм ахæм зæрдæ дары йæ нанайы кæлмæрзæнмæ.