Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта Æрыдоны районы нартхоры завод
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта Æрыдоны районы нартхорӕвзарӕн завод. Цæгат Ирыстоны агрохолдинг «ИрАгро»-йы калибровкæнæн завод у иунæг. Куыстадон фембæлды рæстæг æрдзырдтой ацы къабазы райрæзты фарстатыл. Республикæйы разамонæджы хъуыдымæ гæсгæ, Ирыстоны ис æппæт гæнæнтæ æмæ уавæртæ, цæмæй хæстæгдӕр цалдæр азмӕ мыггæгтӕ парахаткæнынад схиза уæлдæр æмвæзадмæ. Уырдæм, æнæмæнг, хауы фæлтæрддзинад дæр. Æрдзырдтой хъæууон-хæдзарадон культурæты иууыл хуыздæр мыггæгтæ æндæр регионтæм æмæ фæсарæнтæм ласыныл дæр. Куыстуаты ис нартхор æмæ сойæйы мыггæгтæ æххæст циклмæ гæсгæ уадзынæн æппæт фадæттæ. Быдырæй сӕ ласын æмæ сыгъдæг кæнын. Завод цы мыггæгтæ уадзы, уыдон нымад сты хуыздæртыл. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ агрохолдинг кусы раззагдæр транснационалон агрокорпорацитимæ. Ныридæгæн, куыстуат ифтонг у нырыккон ифтонггæрзтæй. Сæ хæрзхъæддзинад дзуапп дæтты æппæт уæлдæр бæрæггæнæнтæн. Куыстуат парахат кæны сæхи уагъд селекци дæр. Афтæ, цы рæстæг кусы, уыцы æмгъуыдмæ паддзахадон регистраци ацыдысты нартхоры 6 гибриды æмæ сойæйы иу хуыз «Ирыстон», зæгъгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv