Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 8 января 2019
Цæгат Ирыстонмæ æрцыд æцæг зымæг. Чи дзоныгътыл хъазы, чи та митæй лæгтæ аразыныл фæцалх. Коммуналон службæтæм та уæдæ худæг нæ фæкаст - æхсæвы дæргъы æгъуыссæг фесты мит æфснайынæй. Ракъахдзæф кæн æмæ хæдтулгæйы капотмæ! 29-æм æфсæддон городочы ныр афæдзы дæргъы бæстыхæйтты рацæуæнты хæдтулгæтæ сцæнд кæнынц. Адæм хъаст кæнынц, уавæр та нæ ивы. Дзуаппдæттæг нæй. Ахсæв сын сæ ном зæгъын кæндзысты. Дзадджын фынгтæ æмæ былдауæн ныхæсты руаджы. Алы ирон хæдзарвæндаджы дæр бакувдзысты сæ бынаты хицаумæ, ссардзысты сæ хæйрæджыты ном. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 8 января 2019
Категория:
Новости и СМИ