Космонавтикæйы бонмæ "Раззагдæрты змæлд"-ы активисттæ та бацæттæ кодтой егъау флешмоб
Космонавтикæйы бонмæ "Раззагдæрты змæлд"-ы активисттæ та бацæттæ кодтой егъау флешмоб. Хъæлдзæг зарджытæ æмæ кæфтытæ. 230 сывæллонæй фылдæр ракетæ цыма сты, афтæ ралæууыдысты. Мадзалы архайдтой "Хуры тын"-ы хъомылгæнджытæ дæр. Скъоладзаутæ сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. Бæрæгбоны кадæн ма бацæттæ кодтой тематикон нывтæ. Акци ацыд скъола "Диалог"-ы. Сæйраг нысан — фæсивæдмæ рæзын кæнын Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, уыимæ сæ цымыдис кæнын космосон иртæстытæм.