Хорз хабар
Абон нæ республикæйы хицауады фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсары разамындæй æмбырды куыд загътой, афтæмæй, сентябрьмæ æртæ объекты доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ фæуыдзысты. Æмбырды ма æрдзырдтой сидзæр сывæллæттæн цæрæн хæдзæрттæ радтыны фарстамæ. Йæ сæххæст кæнынæн ацы аз фæнд кæнынц 60 фатеры балхæнын. Уыдонæй 14 цæрæн бынаты Дзæуджыхъæуы,12 та Æрыдоны. Æмбырды æрныхас кодтой агропромышленон комплексы программæ æххæст кæныныл æмæ 2030 азмæ Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты пъланыл. Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы хъуыдымæ гæсгæ фылдæр æргом аздахын хъæуы фысты æмæ кæсаджы куыстгæнджытæм, хи хæдзарæдтæм æмæ хæххон зæххытæй раст пайда кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хорз хабар
Категория:
Новости и СМИ