Хъæууон хæдзарады куыст чи кæны, уыдонæн æххуыс цæудзæн федералон бюджетæй
Хъæууон хæдзарады куыст чи кæны, уыдонæн æххуыс цæудзæн федералон бюджетæй. Рахай сын кæндзысты æхцайы фæрæзтæ 147 милуан сомæй фылдæр. Уый Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады къабæзты райрæзтæн 2020-æм азмæ, уæлдай дæр зайæгойты æмæ фосы куыст кæнынæн. Уый фæнысан кодтой 2020-æм азмæ федералон бюджеты проекты. Уымæй уæлдай, чысыл хæдзарадты рæзтæн республæйы бюджетмæ бахæсдзысты 174 милуан сомы. 100 милуаны та фермертæн æмæ кооперативтæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2019-æм азы, «Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады рæзты» сæрмагонд программæмæ гæсгæ, федералон æмæ реагионалон бюджеттæй грантты хуызы фермертæн радих кодтой 21 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады куыст чи кæны, уыдонæн æххуыс цæудзæн федералон бюджетæй
Категория:
Новости и СМИ