Дзæуджыхъæуы сараздзысты "Адæмты хæлардзинады" аллейæ
Алыхуызон æгъдæуттæ æмæ культурæ иу фæзуатыл. Дзæуджыхъæуы сараздзысты "Адæмты хæлардзинады" аллейæ. Сергей Меняйлойы хъæппæрисмæ гæсгæ йын бындур сæвæрдтой фарон. Культурон тыгъдад сараздзысты Сапицкийы фæлладуадзæн бынаты. Парчы ацыд адæмты æхсæнады минæвæрттимæ фембæлд. Регионы разамынд баххуыс кæндзæн коммуникацитæ бауадзынæн. Æддаг бакастæн та дзуапп дæтдзысты æхсæнадтæ сæхæдæг. Фæлæ дзы ис ахсджиаг фæзилæнтæ дæр. Территорийы нæ уыдзæн коммерцион куыстуæтæ гом кæнын. Æппæт къæпхæнтæ дæр аразын хъæудзæн архитекторты разыйæ, уыимæ сæрмагонд кодекс хынцгæйæ. Къуырийы кæронмæ æхсæнадтæ хъуамæ фехъусын кæной проекты райрæзты фæдыл хъæппæристæ.