Хицауады æмбырды дзыртой нацпроекттæ æххæст кæныны мадзæлттыл
Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз фембæлд дзуапдæттæг министрадты минæвæрттæ, районты сæргълæуджытæ æмæ подрядон организациты кусджытимæ. Дзырдтой нацпроекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæныны мадзæлттыл. Уæлдай ӕргом аздæхтой культурон рæзты Центрты проектӕ бацӕттӕ кӕныны хЬуыддагмӕ. Фæзындзысты Элхотты æмæ Дигорайы. Тускъаты Таймураз ӕрдомдта куыст фæрæвдздæр кæнын. Иу фарста ма – тагъд æххуысы клиникон рынчындоны ног инфекцион корпусы арæзтад. Бынат дзы уыдзæн сæдæ пациентæн. Ныртæккæ бæстыхайы арæзтадæн цæттæ кæнынц проектон-хыгъдон гæххæттытæ. Аланийы аргъуыды 1 100 азы бæрæгбоны мадзæлттыл, Хъызлар, Сындзыхъæу, Дæллаг Саниба æмæ Джызæлы ног рæвдауæндæтты тыххæй бæрнон кусджытæ дзырдтой хицæнæй. Вице-премьер бафæдзæхста уыцы фарстатыл æнæкъуыхцытæй архайын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv