Бындурон цалцæджы хæдзæртты хыгъды кæцыдæр адристæ нæ бахаудысты
2019 азы пъланмæ гæсгæ снысан кодтой 40 бирæуæладзыгон хæдзары бындуронæй сцалцæг кæнын, фæлæ дзы æппæт хæдзæрты адристæ нæ бахаудзысты. Афтæ, 2019 азы пъланæй айстой Алагиры районы 5 адрисы, уымæн æмæ æмбæлгæ æхцайы фæрæзтæ нæ рымбырд кодтой. Ацы аз Дзæуджыхъæуы бирæфатерон хæдзар банымадтой кæлæццагыл. Тагъд рæстæг æй райдайдзысты цалцæг кæнын. Дыууæ адрисы та арвыстой къамисмæ, цæмæй сæм æркæсой æмæ сæ æмбæлгæ номхыгъдмæ бахæссой. Ныридæгæн куыстытæ цæуынц Миллеры уынджы 4 хæдзарыл. Уым архайынц бæстыхайы аив æддаг бакастыл æмæ ивынц йæ уæлцъар. Афтæ ма, ацы азы кæронмæ Мæздæджы районы фæнд кæнынц 10 бирæфатерон хæдзары. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бындурон цалцæджы хæдзæртты хыгъды кæцыдæр адристæ нæ бахаудысты
Категория:
Новости и СМИ