Хæмпæлгæрдæджы бын фесты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Закъонмæ гæсгæ зæхх хи исбоны кæмæн ис, уыдон дзы æртæ азы куыд æмбæлы, афтæ куы нæ пайда кæной, уæд, закъон æххæстгæнджытæн сæ бон у сæ зæххытæ байсын. Ахæм хуызы цæстдард цæудзæн Дзæуджыхъæуы цы æнæзылд зæххытæ ис, уыдонмæ. Уайдзæф фылдæр хауы цæхæрадæтты æмбаладтæм. Зæгъæм, цæхæрадæтты æмбалад «Ир»-ы зæххытæ мин æмæ æрдæг адæймаджы хи исбонады ис. Уыдонæй 250 адæймаджы сæ зæххыл иу хуым дæр нæ акодтой, ныро онг дзы ницы пайда кæнынц. Хицауад мæсты кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй, зæххы куыст кæй фæнды кæнын, уыдон иу æмæ дыууæ не сты. Фæлæ зæххы хæйттæ æппындæр кæй нæ хъæуынц, уыдоны къухты сты. Хестанты Вячеслав зæххы куыст фыццаг аз нæ кæны, у фæлтæрдджын зæххкусæг. Йæ цæхæрадоны æрзайын кодта куыд дыргътæ, афтæ халсартæ дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, зæххы куыст кæнын ын стыр циндзинад хæссы. Куы уыл бакусай, уæд дын йæ бæркæддæй нæ бавгъау кæндзæн. Фæлæ æнæ зындзинæдтæй иунæг хъуыддаг дæр нæ вæййы, ам дæр афтæ. Цæмæй йæ фыдæбæттæ Хуыцауы дзæгъæлы ма фæуой, уый тыххæй цы картоф, пъæмидортæ, талатæ æмæ иннæ зайæгойтæ ныссагъта донæй бафсада, уый тыххæй йæ дон хъæуы хæссын. Ууыл та бирæ тых æмæ рæстæг хардзгонд æрцæуы. Уæдæ фæндаг дæ сæ цыбыртæй нæу. Цæхæрадæтты æмбалад «Ир»-ы 100 гектары фидаргонд сты мин æмæ рдæг адæймагыл. Уыдонæн се`мбис цæсгомджынæй алы аз дæр сæ зæххыл бакусынц. Фæлæ уæддæр Хестанты Вячеславмæ цы тых æмæ хъæру разынд, ахæм бирæтæм нæй. Фæнысан хъæуы уый, æмæ цæхæрадæтты æмбалады зæххытæн сæ фылдæр хæмпæлгæрдæджы бын фесты. Уый хуымæтæджы нæ, зæххытæм дæс азы дæргъы æвнæлд нæ уыд. Æнæ цæстдардæй цы зæххытæ баззадысты, æмæ æвнæлд дæр кæмæ нæ нæй, уый æмбалады хицауадмæ дæр хорз нæ кæсы. Уымæ гæсгæ бавнæлдтой фарста аиуварс кæнынмæ. Цы хуызы? Ирон адæм кæддæриддæр зæххы куыст кæнынмæ сæрæн уыдысты, уымæ гæсгæ æмбалады хицауады фæнды адæмы зæххимæ бастдзинады цард бауадзын, ногæй сын æй бауарзын кæнын. Уымæн сæ фæнды æмбæлгæ уавæртæ саразын. Дзæрæхохты Светланæ куыд зæгъы афтæмæй, фæнды сæ зæххкусджыты удæнцойæн æмбæлгæ коммуникацитæ бауадзын. Фæлæ кæд æмæ куыд? «Росреестр»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй цалдæр азы дæргъы йæ зæххы гæбазыл чи нæ бакуыста æмæ чи ницы æрзайын кодта, уыдон æрцæудзысты æфхæрд. Бахъæудзæн сæ ивартæ бафидын. Цæхæрадæтты æмбалад «Ир»-ы хуызæн уавæр Цæгат Ирыстоны стæм хатт не`мбæлы. Нæ республикæйы æндæр æмбаладтæ дæр амæй хъауджыдæр ницæмæй сты. «Росреестр»-ы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй уавæр гыццыл хуыздæр у Мæздæджы районы. Уым бæрæггæнæнтæй зæрдæ райы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хæмпæлгæрдæджы бын фесты

Категория:

Новости и СМИ