Битарты Вячеслав районы сæргълæууджытимæ сарæзта æмбырд
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав районты разамонджытæн бабар кодта хъармдæттæн организациты лæггæдты раз адæмы фиддонтæм сæрмагонд цæстдард аздахын. Ныридæгæн хæс у 2 миллиард сомæй фылдæр, иу уый бæрц ма электрон тыхæн дæр. Хæстæ дарынц «Владикавказские тепловые сети», «Владикавказские водопроводные сети» æмæ Дыгуры æмæ Рахизфарсы районы коммуналон куыстуæттæ. Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, уымæ гæсгæ æфхæрд æййафдзысты организаци фæкъуывитт кæныныл чи архайдзæн, уыдоны. Ныхас ма кодтой хъалоны фарстайыл дæр. Нæ республикæйы хъалонты службæйы управленийы разамонæг Таймæзты Тимур куыд фæнысан кодта, афтæ хъалонтæ æвзæр фидынц исбонад цы хицæн адæммæ ис, уыдон. Æвзæр æмбырд кæнынц зæххыл æмæ иумæйаг хъæууон-хæдзарадон къабазы хъалонтæ. Районты разамонджытæн Битарты Вячеслав бабар кодта хъалонты службæимæ æмгуыст кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав районы сæргълæууджытимæ сарæзта æмбырд
Категория:
Новости и СМИ