Спорты бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Æрыгæтты `хсæн Европæйы ерыстæм боксæй цæтæгæнæн мадзæлттæ куыд арæзт цæуынц, ууыл æрныхас кодтой мадзал аразджыты комитеты æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Фембæлды ма архайдтой боксы Европæйаг конфедерацийы уæнгтæ, Уæрæсейы боксы федераци æмæ спорты министрады минæвæрттæ. Турнирмæ нæ республикæйы бæстонæй цæттæ кæнынц. Ерысты бацархайынмæ курдиаттæ арвитæн уыд 8-æм февралмæ. Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты 37 бæстæйы минæвæрттæ. Æдæппæтæй 450 спортсмены. Хицауады сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй архайджыты зæрдиагæй суазæг кæндзысты. Уæлдай цæстдард уыдзæн æдасдзинады домæнтæм. Барадхъахъхъæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй спорты галуан "Манеж"-ы æмæ йæ алфæмблай бæстыхайы сæвæрдзысты видеоцæстдарды системæтæ. Спортуарзджытæ трибунæтæм бахиздзысты "металлодетектортæ" кæй хонынц, уыцы гæрзты сæрты. Цæмæй галуаны фылдæр адæм бацæуа, уый тыххæй нæ бæстæйы спорты министрад æрбарвитдзæн 500 уæлæмхасæн бадæн бынаты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ерыстæ арæзт цæудзысты 8-æм мартьийæ 18-æммæ. Турнирмæ ма бакæсæн уыдзæн "онлайн"-режимы хуызы дæр. Æрдæгфиналы æмæ финалы хæцтытæ та равдисдзысты телеканал "Матч ТВ"-йæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Спорты бæрæгбон

Категория:

Новости и СМИ