«Мы летаем, значит – мы живем» æппæтуæрæсеон акцийы архайынц Цæгат Ирыстоны цæрджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Уæрæсейы, йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæмы спортивон цæдис бацæттæ кодта проект «Мы летаем, значит – мы живем». Уый фæлгæты Дзæуджыхъæуы авиаклубы бындурыл адæмæн се 'ргом здахынц авиаспорты хуызтæм. Ныр дæр та дыууæ мин æмæ 'рдæг метры бæрзæндæй мадзалы архайджытæ аргъ скодтой хæххон æрдзæн. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Кæд сæ æнæниздзинады гæнæнтæ цыбыр сты, уæддæр сæ фæндтæ æмæ бæллицтæ сты æгæрон. Дæнцæгæн æрхæссæн у Тыбылты Иринæ. Чызг хæдтæхæгыл тæхын нæ уæнды, фæлæ йæ фæнды йæ тас басæттын. Уыцы хъуыдыимӕ кӕны тыхджындӕр. Архайджыты 'хсæн – 99-аздзыд Мария Колтакова. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран сæрмагондæй мадзалмæ ссыд Белгородæй. Дæсгай хæттыты гæпп кодта парашютимæ. Фæстаг хатт – дыууæ азы размæ. Мадзаларазджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахӕм фӕлтӕрддзинад адæмы æнæниздзинадæн у пайда. Стæхыны размæ — æнæмæнг медицинон æркаст. Дохтыртæ бар раттынц.  Планертæ арвы балæууынц хæдтæхæг Ан-2-йы æххуысæй. Æгæрон сæрибардзинады æнкъарæнтæ. Нырма хæдтæхæг не 'рбадт, афтæмӕй архайджытæ тырнынц ногæй стæхынмӕ. Акци «Мы летаем, значит – мы живем» фыццаг хатт ацыд 2019 азы. Пандемийæйы аххосæй ивгъуыд аз арæзт не 'рцыд. Акцийы архайджытæ фидæны фæнд кæнынц мадзал алы аз дæр цæттæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv