Созаонты Нинæ бацахстафыццаг бынат теннисæй турниры
Созаонты Нинæ бацахстафыццаг бынат теннисæй турниры
Созаонты Нинæ рамбылдта теннисæй æппæтадæмон турнир. 15 аздзыд чызг ныридæгæн у спорты дæсны. Курдиатджын æмæ æнтыстджын. Спорты бæрзæндтæм кæй схиздзæн, уый тренертæ раджы раиртæстой. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Афтæмæй, цæф рауайы фæлмæндæр, фæлæ йæ ныхмæлæууæг æнцонæй нæ акъуырдзæн. Ацы техникæ ног нæу, фæлæ — зын, зæгъы Созаонты Нинæ. Теннисмæ чызг æрбацыд 12 азы размæ йæ хистæр хоимæ. Уæд æртæаздзыд сабийы курдиат тренертæ уайтагъд рабæрæг кодтой. Къорд азтæ тренировкæтæ æмæ хиуыл куыст. Фынддæсаздзыд тенниссисткæ архайдта алыхуызон æмвæзадыл ерысты, æвдыста æнстыстджын бæрæггæнæнтæ. Æрæджы та уæлахизимæ ссыд Гуырдзыстонæй. Æппæтадæмон турниры нæ спортсменкæ Мария Бахтинаимæ иумæ архайгæйæ райстой фыццаг бынат. Ныртæккæ Нинæ йæхи цæттæ кæны æппæтадæмон ерыстæм, ацæудзысты июлы Гуырдзыстоны. Чызг тренеровкæтæ кæны теннисы академи «Асгард»-ы. Ам æдæппæтæй архайынц 150 адæймаджы. Спортсменты райрæзтæн арæзт цæуынц ерыстæ. Æмæ дзы канд цæгатирыстойнаг тенниссисттæ нæ архайынц, фæлæ æндæр регионтæй дæр. Ныридæгæн сæ цæттæдзинад æвдисынц Дзæуджыхъæуы ерысты. Ацы хатт «Асгард»-ы фæзтæ æрæмбырд кодтой 75 адæймаджы æппæт Уæрæсейæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ацы спорты хуызæй архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц рæзы. Ног курдиæттæ раргом кæнынæн та Цæгат Ирыстоны арæзт цæуынц æмбæлгæ уавæртæ.