Æвзæрстытæм цæттæдзинад
Цæгат Ирыстоны Центрон æвзарæн къамис æмæ Уæрæсейы Æхсæнадон палатæ Цæгат-Кавказаг Хæххон-Металлургон институты иумæйагæй байгом кодтой ахуырадон проект. Ныхас кодтой Уæрæсейы президенты æвзæрстыты цæттæдзинадыл. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй æвзæрстытæ ацæудзысты раст æмæ æнæкъуылымпытæй. Байгом кæндзысты 178 æвзарæн бынаты, сифтонг сæ кæндзысты видеокамерæтæй. 66-ы дзы спайда кæндзысты ног электрон æвзарæн урнæтæй. Фембæлды архайдта бартæхъахъхъæнæг, æхсæны кусæг Александр Брод. Куыд загъта, афтæмæй æхсæнадон палатæ ахсы ахсджиаг бынат æвзæрстытыл куысты. Уый та фæуæлдæр кæндзæн сæ рæстдзинад æмæ адæмы æууæнк ацы мадзалмæ. Александр Брод, адæмы барты æмæ граждайнаг æхсæнады райрæзтады Уæрæсейы Президенты советы уæнг: «Регионты арæзт æрцыдысты кусæг цæстдарæн къордтæ. Уыдон бæрæг кæндзысты æвзæрстыты рæстдзинад. Амæйразмæ æвзæрстыты ахæм хъуыддаг нæ уыдис. Уыимæ ацы куыстыты архайдзысты оппозицион организациты уæнгтæ дæр. Протоколтыл ма фæзындысты QR-кодтæ, сæ руаджы дыккаг хатт схъæлæс кæныны фадат нал уыдзæн». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвзæрстытæм цæттæдзинад
Категория:
Новости и СМИ