Арвы комы фæндаг æвзæр боныхъæды аххосæй у æхгæд
Æвзæр боныхъæды аххосæй Арвы комы фæндаг у æхгæд. Уый тыххæй хъусын кæны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæ. Ныртæккæ бынаты фæндаджы байгоммæ æнхъæлмæ кæсынц 365 уæзласæн æмæ 40 рог хæдтулгæйы. Уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» байгом кодтой хи хъармгæнæн пункт. Æвзæр боныхъæды аххосæй ма æхгæд у Транскам. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ сидынц шофыртæм, цæмæй рагацау бæрæг кæной фæндаджы уавæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv