Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ радон æмбырды рæстæг дзырдтой ахсджиаг хъуыддæгтыл
Хицауады æмбырды бæрæгбоны мадзæлттæ аразыны фæтк сфидар кодтой. Алы район дæр пълан хъуамæ снысан кæна. 9-æм майы иу ветеран дæр рохуаты хъуамæ ма баззайа. Æмбырды дзырдтой алыхуызон аиуварсгæнинаг хъуыддæгтыл. Æмткæй райсгæйæ, баисты 20 фарстæй фылдæр. Се `хсæн - республикæйы цæрджытæн куысты бынæттæ ссарынмæ баххуыс кæнын. Уымæй уæлдай ма куыст дæттыны комитеты разамонæг Платы Альбинæ радзырдта сæ фароны архайды тыххæй. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз куыст агурджыты нымæц фæкъаддæр. Комитет æмгуыст кæны Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ радон æмбырды рæстæг дзырдтой ахсджиаг хъуыддæгтыл
Категория:
Новости и СМИ